Абон Къостайы райгуырдыл сæххæст 163 азы
Къоста, зæгъгæ, нæ адæм уыцы ном айхъусгæйæ, стыр сæрыстырдзинад сæ зæрдæты бацæуы. Цал æмæ цал хъуыдыйы равзæры ацы ном айхъусгæйæ адæймагмæ. Цæвиттон, цалынмæ зæххы къорийыл цард уа, уæдмæ Хетæгкаты Къостайы ном рох нæ уыдзæн нæ адæмæй. Уымæн æмæ Къоста у, æцæгæй дæр нæ адæмæн хæххон стъалы Стыр Хуыцауæй æрвыст, нæ адæмæн уæларвон Зæд.
Уæлæмхасæн. Къостайæ хуыздæр ничи зæгъдзæн.
Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,
Фæцыддæ мæгуыртæн фыййау…
Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,
Цæмæй дын раддзыстæм æгъдау?!
МÆСКУЫЙЫ ИРОН ÆХСÆНАДЫ УÆНГТÆ
ХОДЫ ТАМЕРЛАН
САУЛОХТЫ УМАР
Комментариев: 0