skip to Main Content

Æз пехуымпар нæ дæн!

15 октября 1859 года родился поэт и художник Коста Леванович Хетагуров, основоположник осетинской литературы. Творчество Коста поистине многогранно. Его перу принадлежит множество стихов, поэм, пьес, очерков и статей как на русском, так и на осетинском языках.

Одно из ключевых его произведений — «Я не пророк». Самые известные строки из него:
«Весь мир — мой храм, любовь — моя святыня,
Вселенная — отечество мое»
стали девизом не только огромного количества почитателей творчества поэта, но и короткой, вместе с тем яркой, пламенной жизни самого Коста.

Стихотворение «Я не пророк» написано на русском языке. Ко дню рождения поэта профессор Амирхан Михайлович Торчинов перевел его на осетинский язык. Спешим поделиться им.

Æз пехуымпар нæ дæн! Æдзæрæг ранмæ
Фыдми, фыдкойæ æз нæ лидзын дард.
Нæ бауагътон мæ удыбæстæ халын,
Нæ ныууагътон нæ адæмæн мæ зард.

Нæ агурын нæ тыхджынтæй тæригъæд,
Нæ фембарын æртхорды цины ад.
Мæ адзалæй, зындонæй æз нæ ризын,
Нæ тыхсын æз — мæ фыдыбæстæй тард.

Мæ зарæг æз æппæт дунейæн зарын,
Æнæгъдауæн ныхмæ ныфсджын лæууын.
Тыхмийæн та — мæ бон цас уа — нæ барын,
Рæстдзинадмæ мæ ныхасæй тындзын.

Цы у æртхорд, æмбал, кæд ис æфсымæр,
Кæд алы адæймаг мын у зынаргъ?
Цæмæн мæ хъæуы знаг, кæд нæй мæ риуы
Æлгъыст, хæрам, фыдзæрдæйы аккаг?

Цымæ сæрибардæр вæййын зындоны,
Хъадамантимæ с’иу вæййы мæ зард.
Мæлæты бон æнæ тæрсгæйæ хонын,
Ӕгайт ма дӕн нæ адæмæн зынаргъ.

Фырмонцæй адæмы къод у цагъайраг,
Йæ бар йæхи — цыфæнды дæр кæнæд!
Мæ дуне — кувæндон! Уарзондзинад — мæ Хуыцау!
Æгас дуне Фыдыбæстæ мæнæн!

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск