skip to Main Content

Хетӕджы Уастырджийы бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд!

Мӕ зынаргъ, уарзон ӕмзӕххонтӕ! Зæрдиаг арфæ уын кæнын Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл! 

Фыдæй-фыртмæ цы Хетæджы Уастырджийы зонæм, уый ахады нæ адæмы иудзинадыл, дӕтты ныфс фæрныгдæр фидæнма фæндагыл, ӕмӕ та йыл фӕдзӕхсӕм нӕхи, нӕ кӕстӕрты.

Дунейы фарн зæгъæд, цæмæй нæ алкæйы зæрдæмӕ дæр бахъара бæрæгбоны рухс ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ, нӕ фӕндтӕ сыгъдæгзæрдæйӕ куыд ӕххӕст кӕнӕм, дуне фарн та нын ӕххуысгӕнӕг куыд уа.

Уе’ппӕты дӕр Хетӕджы Уастырджийы хорзӕ уӕд!

Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады Советы сӕрдар Абайты Алан

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск