Уастырджийы бæрæгбон
Нæ фыдæлтæ нын цы бæрæгбæттæ ныууагътой, уыдонæй Уастырджийы кувæн къуыри у æппæтæй стырдæр æмæ ахсджиагдæр. Алы аз дæр мæскуыйы æхсæнад æрбахоны ам цæрæг ирон адæмы бæрæгбонмæ, цæмæй иумæйагæй скувæм Хуыцауы бардуаг Уастырджимæ. Цæмæй йыл бафæдзæхсæм нæ Ирыстон, нæ кæстæрты, ракурæм дзы сабырдзинад æмæ бæркад, фарн æмæ амонд. Ныр дæр та 25 ноябры мæскуыйы цæрæг ирон адæм Уастырджийы рухс ном ссарынмæ æрбамбыр сты ресторан «Гавань»-ы.
Комментариев: 0