skip to Main Content

Коста Хетагуров — «Æнæ фыййау». Читает Земфира Цахилова

Стихотворение Коста Хетагурова, читает Земфира Цахилова — заслуженный деятель искусств РФ, заслуженная артистка Северо-Осетинской АССР, награждена орденом «Слава Осетии».

ÆНÆ ФЫЙЙАУ

Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд,
Рындзыл нæ кæны фынæй…
Фесæфай, фесæфай, уастæн, нæ фæсивæд, —
Иу бахъаггæнæг дæ нæй!

Тар хъæдмæ бацыддæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, —
Стонг фосæй сонтдæр, зыддæр, —
Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ,
Стонг фосау сæфыс ды дæр!..

Гъæй, джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид
Иу сау къæдзæхы сæрæй!
Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид
Исчи йæ фарны хъæрæй!..

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск