Арфæтæ Тыбылты Леонидæн
Фарн дæм бадзурæд, æмбал Тыбылы – фырт! Абон дæм Мæскуыйы цæрæг ирон æхсæнады номæй дæ райгуырæн боны фæдыл æрвитæм æхсидгæ салæмттæ æмæ зæрдæбын арфæтæ. Нæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй æппæты фыццаг æнæниз уай, дæ уæрзон бинонтæ æмæ дæ къабæзты фæндиаг.
Æнæмастæй, æнæхъиамæтæй дæ размæ æвæрд падздзахадон вазыгджын фарстатæ æххæст кæнын дæ къухы æнтыстджынæй æфтæд, адæмы хорзæх дæ уæд, æмæ Уастырджи дæ рахиз фарс цæуæг уæд!
Ирон æхсæнады номæй
Советы сæрдар – Къаболаты Валерий.
Комментариев: 0