Фарн уæм бадзурæд, нæ зынаргъ æмзæххонтæ !
Æрбайхъуыст та нæм Ног азы къæхты гыбар-гыбур. Æппæт адæмы уарзондæр бæрæгбæттæй иу у Ног азы бæрæгбон, æмæ нын амонд æмæ заххон хæрзтæй рæдау хæйттæ йемæ æрбахæссæд!
Алчи дæр æнхъæлмæ фæкæссы, цæмæй Ног азы йæ рухс бæллицтæ саххæст уой, цæмæй æрттивгæ хур æмæ сыгъдæг арвы бын рæзой æмæ фылдæрæй-фæлдæр кæной нæ сывæллæттæ; цæмæй нæ алкæйы хæдзары дар уа фæллойы бæркад, цæмæй Дунедарæг кадджын Хуыцау, дауджытæ æмæ зæдтæ сæ хъарм арм дарой не’ппæтыл дæр æмæ нæ хизой фыдбылызæй.
Зæххон адæймаг йæхи амондджын цæмæй хоны, уыцы хæрзтæй хайджын ут! Ног азы хорзæх уæ уæд, Лæгты дзуар уын ахъазгæнæг уæд!
Почётный председатель Совета Академик РАМН | Темирболат Берёзов | |
Председатель Совета старейшин Профессор медицины | Амирхан Торчинов | |
Председатель Совета | Валерий Каболов |
Комментариев: 0