skip to Main Content

Мӕскуыйы цӕрӕг ироны фиппаинӕгтӕ

Фæндзай азæй фыылдæр нæ цæрын Ирыстоны æмæ,дардæй кæсгæйæ дзы цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдон мæм хуыздæр зынынц. Нæ горæт рæсугъдæй-рæсугъддæр кæны. Фæсивæд— бирæ, фæлæ нæ ирон кæнæ дыгурон ныхас стæм хатт йæдтæмæ никæмæй фехъусдзынæ.

Раст зæгъгæйæ, республикæйы ныры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ ргом аздæхта ирон æвзагмæ, æмæ уый у æхсызгон нæ адæмæн.

Хрущёвы рæстæг скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæнынæн цалхдуртæ сæвæрдтой, æмæ уый фыдæй фæцудыдта. Циндзинад æрхаста уый, æмæ Дзæуджыхъæуы Алайнаг гимназ кæй байгом, стæй ирон телеуынынад. Куыд фехъуыстон, афтæмæй цалдæр рæвдауæндоны сарæзтой сывæллæттæн хицæн ирон къордтæ, цæмæй иронау дзурой.

Мæхæдæг уыдтæн æвдисæн: бадын Уырыссаг театры раз Ленины фæзы, мæ фарсмæ æрбадт иу æрыгон лæппу йæ гыццыл фыртимæ. Сывæллоныл цыдаид 2,5—3 азы. Фыд ныхас кæны лæппуимæ иронау, гыццыл лæппу та йын дзуапп дæтты уырыссагау. Фыды фæрсын, дзуапп дын уырыссагау цæмæн дæтты?

«Хæдзары иронау дзурæм, ирон æвзаг хорз зоны æмæ æмбары, фæлæ йæм рæвдауæндоны уырыссагау дзурынц æмæ уым фылдæр рæстæг вæййы», — уыд йæ дзуапп. Уый уын йæ аххосаг.

Скъолаты ирон æвзаджы уроктæ кæй ис, уый у хорз, фæлæ цалынмæ уыцы скъолаты ирон æвзагæй фæлварæнтæ нæ дæттой, уæдмæ йæм ахуырдзаутæ кæсдзысты уæлæнгай цæстæй.

Æз уый мæхицæй зонын. Æхсайæм азты райдайæны ахуыр кодтон 1-æм скъолайы, Ирыхъæуы ныртæккæ Алайнаг гимназ кæм ис, уым.

Æмæ нын ирон æвзаджы уроктæ уыдис къуыри иу хатт дыууæ сахаты.
Ахуырдзаутæн дзы сæ фылдæр хынджылæг кодтой. Уымæн æмæ зыдтой, кæй ницы бæрн сæ ис,уый.Уæд дæр фæлварæнтæ дæттын нæ хъуыд мадæлон æвзагæй. Хъæуы ирон æвзагыл фæлварæнтæ скæнын.

Цал æмæ цал хатты фенæн ис «РÆСТДЗИНАД»-ы фæрстыл ацы фарсты тыххæй уацхъуыдтæ, фæлæ æвæццæгæн, Ахуырад æмæ Наукæйы Министрады ирон газет ничи кæсы.

Никуы бакастæн дзуапп, газеты фæрстыл цы ахджиаг уацхъуыдтæ вæййы, уыдоны тыххæй. Æрæджы ссыдтæн Ирыстонмæ æмæ уæ бауырнæд, мæ зæрдæйы хъæдгом фæкъæртт. Цалдæр боны-иу рацыдтæн Сабырдзинады проспектмæ.

Чысыл куы уыдтæн, уæд мах цардыстæм Уырыссаг театрмæ æввахс, æмæ мæ æвзонджы бонты æрхъуыды кæнын ам бадгæйæ.

Мæ зæрдæйы хъæдгом та цæй тыххæй фæцагайтта? Ацы аз у Хетæгкаты Къостайы райгуырды 160 азы юбилейыаз. Сабырдзинады проспекты æртæ боны дæргъы фехъуыстон иунæг ирон фæндырцагъд радиойæ, Къостайы кой дзы ничи скодта, ничи радзырдта йæ ‘мдзæвгæтæй. Уый цы хабар у?

Къоста нæ адæмæн зæд куы у. Радио «Горæт» та фæсарæйнаг музыкæ цæгъды бон-изæрмæ, хъуамæ Къостайы уацмыстæ, йæ царды тыххæй дзура, æппынкъаддæр, боны æрдæг. Кæд Къостайы аз у, уæд хъуамæ æрвылбон Къостайы цыртдзæвæны раз ахуырдзаутæ кæсой йæ æмдзæвгæтæ. Ацы хъуыддæгтæ кæй бæрны сты цымæ уыдон нæ зонынц ацы хъуагдзинæдтæ, паддзахад цын улупа куы фиды.

Иннæ æнахуыр хабар та у ахæм. Раздæр Сабырдзинады проспекты алы тигъыл дæр уыдис газеттæ уæйгæнæн киосктæ. Ныр та газеттæ æмæ журналты бæсты «Спрайт»-тæ æмæ «Фантæ»-тæ уæй кæнынц. Цы пайда сты уыцы дæттæ нæ адæмæн, уый нæ зонын. Зонын æрмæст уый, адæймаджы æнæниздзинадæн пайда нæ хæссынц.

Раст зæгъгæйæ иу газетуæйгæнæн киоск ис проспекты æмæ бацин кодтон, ныртæккæ ирон газет балхæндзынæн, зæгъгæ. Фæлæ мæ цин фæмæнг. Газеттæ уæйгæнæджы бафарстон, «РÆСТДЗИНАД» уæм ис, зæгъгæ, æмæ мын афтæ, мах дам, уыцы газет нæ исæм уæй кæнынмæ.

Уый та куыд? Ирыстоны сæйраг горæты йæ сæйраг уынджы иунæг газеттæ уæйгæнæн киоскы ирон газетæн бынат нæй, цымæ чи рахаста ахæм уынаффæ?!

Цæуон, зæгъын, мæхицæн, мæнæ Дзанайты Иваны уынджы ис киоск. Фæлæ та уым дæр мæ цин фæмæнг. Киоск дзы нал ис.

Ам, Мæскуыйы исын ирыстойнаг газеттæ «РÆСТДЗИНАД» æмæ «СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ». Посты кусджытæ сæ батухынц, гæххæтты æмæ мын цæ афтæмæй рарвитынц.

Иуæй-иу хатт та цæ батухынц, Цæгат-Ирыстоны районты цы газеттæ мыхуыр кæнынц, уыдоны. Æмæ уыдон дæр кæсын куы райдайын, уæд стыр дисы бафтын. Стæм хатт дзы фендзынæ, ирон кæнæ дыгурон уацхъуыд. Сæ иннæ æрмæджытæ сты иууылдæр уырыссаг æвзагыл.

Фарон зымæг нæ фæзивæг кодтон æмæ сдзырдтон иу районы газеты сæйраг редактормæ. Фæрсын æй, цæуылнæ ис уæ газеты ирон æвзагыл уацхъуыдтæ зæгъгæ, æмæ, дам, нæм ничи фыссы иронау. Уыцы ныхасыл иу къуыри рацыд, райстон газет «РÆСТДЗИНАД», кæсын æмæ мæ газет тыхт уыдис ныхас кæимæ кодтон, уыцы районы газеты.

Райстон районы газет мæ къухмæ, а-ма, бакæсон, цытæ дзы фыссынц, зæгъгæ. Кæсын æмæ сæйраг редактор, ирон уæвгæйæ, йæхи уацхъуыд мыхуыры рауагъта уырыссагау. Афтæмæй мын иннæтæй хъаст кодта. Ныр ма мын зæгъут мæ зæрдæ куыд нæ рисса не ‘взаджы хъысмæтыл. Рæсугъд æмæ аив куы у, цæуылнæ хæссæм нæ сæрмæ, фыдæлтæ нын цыкурайы фæрдыгау цы æвзаг бахъахъхъæдтой,уыуыл дзурын.

 

Ходы Тамерлан
Æхсæнадон уацхæссæг. Мӕскуы
«РÆСТДЗИНАД» Кæфты мæй 23 бон (октябрь) 2019 аз.  №193

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск