RT воссоздал момент исторического снимка: Знамя Победы над Рейхстагом
2 мая 1945 года советский военный корреспондент Евгений Халдей сделал серию фотографий на крыше полуразрушенного нацистского парламента, впоследствии получившую название «Знамя Победы над Рейхстагом». RT к 75-летию победы в Великой Отечественной войне воссоздал момент исторического снимка. Для реконструкции были использованы все доступные фото, сделанные Халдеем на крыше взятого Красной армией здания, а также более 40 вспомогательных фотографий Рейхстага, окружающих зданий, панорам и малых архитектурных форм.
Ацы къаммӕ кӕсын, ӕмӕ мӕ зӕрдыл Кантария Мелитон ӕрлӕууыд — рейхстагыл Уӕлахизы Сырх Тыраса чи ӕрцыуыгъта, уыдонӕй иу.
1964 азы каникулты рӕстӕг геологтимӕ куыстон Абхазы, горӕт Очамчиры. Цардыстӕм денджызы тӕккӕ был иу уырыссаг зӕронд усы хӕдзары, нӕ тӕккӕ сыхаг та уыдис Кантария Мелитон. Йӕ дуармӕ иу бадтис, йӕ уӕлӕ морӕ костюм, афтӕмӕй. Уӕздан лӕг уыдис.
Цы усмӕ цардыстӕм, уый нын радзырдта, чи у, уый. Бафӕндыдис мӕ йӕмӕ базонгӕ кӕнын уымӕн ӕмӕ Советон Цӕдисы историмӕ чи бахауд, ахӕм лӕг уыдис, хъуыстгонд, йӕ къамтӕ чингуыты уыдысты. Базонгӕ дӕн йӕмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы иу алы изӕр дӕр йӕ кӕрты сӕнӕфсиры бын бадтыстӕм. Фатеры йӕм уыцы рӕстӕг цардысты ӕртӕ сомихаг лӕджы, ӕмӕ уыдон дӕр немӕ. Цымыдисаг хабӕрттӕ иу дзырдта, фӕлӕ ӕгӕр ӕрыгон уыдтӕн ӕмӕ уыдӕттӕ ныффыссын мӕ сӕр не ‘рцахста …
Иу цыппар азы размӕ та мыл Мӕскуыйы уынджы иу абхазаг чызг амбӕлыд. Цухъхъайы уыдтӕн ӕмӕ уый йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ мӕм сдзурдта. Ныхас ныхасы фӕдыл, ӕмӕ Кантарийы кой куы скӕнин. Ӕмӕ раст йӕ хӕрз хӕрӕфырт куы разынид уыцы чызг Мелитонӕн! Цы уырыссаг усмӕ цардыстӕм, уый дӕр хорз зыдта.
Ахӕм цымыдисаг фембӕлд уыдис мӕнӕн Советон Цӕдисы Хъӕбатыр Мелитон Кантарийымӕ горӕт Очамчиры, Абхазы, 1964 азы…
Ходы Тамерлан
Комментариев: 0