skip to Main Content
This is an evaluation image and is Copyright Pamela Perry. Do not publish without acquiring a license. Image number: 0515-1007-2004-3610. http://www.acclaimimages.com/_gallery/_pages/0515-1007-2004-3610.html

Сабитæн æмдзæвгæтæ

Ног аз

Митау тайынц бонтæ,
Ахицæн ис аз.
Январы фыццаг бон —
Ралæууыд Ног аз!
Нæзы бæлас `рттивы,
Арæзтæй лæууы!
Нана сфыхта дедатæ,
Адджын чъиритæ …
Хистæрæй-чысылæй
Абон кæнæм цин,
Кæрæдзийæн лæвæрттæ,
Арфæтæ кæнæм!

Род (телёнок)

Был я род, теперь я гал
Не попасть бы на мангал.

Хъæдын бæх (деревянная лошадка)

Я лошадка – значит – бæх,
Абад бæхыл æмæ тæх,
Тахтæн, тахтæн æз сахат …
Не скодта мæ бæх иу гакк.

Арс (медведь)

Ды мæ зоныс, æз дæн арс,
Я залезу на бæлас.
Жирею я от мёда,
Мæ хæдзар — берлога.

Калм (змея)

Кæдæм фæнды дæр мæ фæзил,
Æрмæст сæр æмæ къæдзил.
Ферох кодтон цы и шейк,
Къæдзтæ-мæдзтæй кафын брейк.
Нæ мæ хъæуы нæ къух нæ къах
Дæ зæрдæм цæуы – мемæ `ркаф!

Хъибил (поросенок)

Ци кодтай, цума, нæ хъибил,
Ку нæбал хуæрис дзæбæх,
Дæ цæститæ ку нихгæдтай,
Ци кодтай, цæбæл нæтис?

— Неци кодтон, ниммæ уагъдтæ,
Куд нæ хуарун æз дзæбæх,
Раревæд кодтон æд бунтæ
Къибила æмæ бæлæгъ.
Бафæлладтæн …
Уолæфгæ кæнун …

Узун (ёжик)

Къозойау дæ ду тумбул,
Расор-басор дæ кæнун,
Ма ми тæрсæ, ду, узун,
Райсæ! Фæткъу дин даттун!

Тикис (кошка) 

Диги-миги мин кæнис…
Авдæни мæ ниббæдтис…
Райвазис мин ду мæ гъостæ,
Нибба кæнис мин мæ ростæ…
Феронх кодтай, мæ хæлар,
Дæ гъаст-мæнæн – гъезæмарæ.
Уой цæмæннæ лæдæрис,
Æз дæн уодæгас тикис…

Хæпсæ (лягушка)

Ахæссæ биндзитæ ма` къогъотæ,
Гъæласидзаг, цит, нихходæ…
Цалинмæ нæ фæддæ, дзæгъæйлаг
Хъирихъхъуппæн – æ хуаллаг.

Цæргæс (орёл)

Сис дæ базыртæ цæргæс,
Арвмæ стæх æмæ æркæс.
Цы уыныс? – Дзæбидыртæ,
Хæхтæ æмæ быдыртæ.

Базон-базон

Дедатæ фых `сты,
Чъиритæ фынгыл.
Нæзы бæлас `рттивы!
Цы бæрæгбон у ? (Ног аз)

Бæлæстæ урс æмæ рæсугъд,
Уынгмæ цæугæ, скæн дæ худ.
Дзоныгъ райс æмæ къуыбырæй
Тæхгæ кæн дæлæмæ цырдæй.
Уый цы азы афон у? (зымæг)

Уарзын къозотæ, æхсæртæ,
Амбырд сæ кæнын зымæгмæ.
Мæ рæстæг нæ сафын фæззæг
Чи дæн — базон ? (æхсæрсæтттæг)

Цæрын æз уæ кæрты,
Хъахъхъæнын хæдзар.
Уарзын дзидза, стджытæ
Мæ ном у Тузар. (куыдз)

Хъæд ныхъхъус и,
Уары мит.
Ныр мæ кæрц у урс-урсид,
Сæрды у мæ кæрц фæныкк хуыз.
Базон чи дæн æз? (тæрхъус)

 

Сабанон

This Post Has 0 Comments

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Search