skip to Main Content

Обращение председателя осетинской диаспоры в Сирии Хишама Кошха (Албегова) к председателю общественного движения «Стыр Ныхас» Борису Басаеву

16 мæйы дæргъы Сирийы æвзæр æмæ уæззау уавæры цæрæм æмæ ныр цы трагедикон цаутæ уынæм Сирийы зæххыл, уыдон алы адæймагæн йæ зæрдæ фæриссын кæндзысты чидæриддæр æмæ кæмдæриддæр, уымæн æмæ æмбæстæгтæ райдыдтой кæрæдзийы æргæвдынц, цæгъдынц æмæ стигъынц æнæ тæригъæддзинадæй, цыма æнусон знæгтæ сты æмæ ныр æцæг мидбæстон хæст цæуы æфсымæрты ‘хсæн.

Кæд мах официалон Сирийы æмбæстæгтæ стæм, уæддæр 145 азы фæстæ æмæ ныры онг мах Сирийы зæххыл уазджытау, афтæ араббæгтæ нæ нымайынц, æмæ уыцы хæст нæхи хæст нæу. Æмæ ныр ирон адæмы уавæр тынг зын ысси. Нæ адæм фыртасæй сæ хæдзæрттæй лидзынц æндæр сахартæм, кæнæ æндæр хъæутæм, кæнæ æндæр сыхтæм, сабырдæр кæм вæййы, уырдæм цæуынц, фæлæ ныр иу ахæм сабыр бынат Сирийы мидæг нал и. Æмæ ныр Сирийы зæххыл лыгъд адæм фестæм æмæ мах нал зонæм цы кæнинаг стæм? Бафæлладыстæм фыртасæй æмæ фыртыхстæй, нæ сывæллæтæ фынæй нал кæнынц… Сармадзанты æмæ гæрæхты хъæрæй сæ нервтæ фехæлдысты.

Нæ адæмæн сæ фылдæр сæ хæдзæрттæй нал рацæуынц, куыст сæм нал и, экономикон уавæртæ æмæ царды фæрæзтæ бынтон æвзæрдæр кæнынц, адæм цæмæй цæрой уый дæр нал и, суангмæ паддзахадæй мызд чи исы, уый дæр тыххæй цæры, уымæн æмæ æргътæ иу цалдæр хатт фæфылдæр ысты. Кæд нæ ныррыккон цард афтæ у, уæд нæ фидæн куыд уыдзæн æмæ цæмæй фервæзын кæнæм нæ ирон адæмы удтæ уæд?

Мах уæ сидæм:
— Кæд уе ‘фсымæртæ , уæ хотæ æмæ уæ туг нымайут нæ, уæд, уæ хорзæххæй, феххуыс-ма нын кæнут, ыссарут-ма нын мадзалтæ, цæмæй æрбацæуæм нæ фыдæлты бæстæм! Уæрæсейаг визæ нæ хъæуы æнæ ‘хцайæ, фæндаггаг æмæ Ирыстоны кæм цæрдзыстæм æмæ цæмæй цæрдзыстæм.
Нæ хъысмает æмæ нæ сывæллæты фидæн ныр уæ къухты ис! Мах уырны, сымах зæрдиагæй кæй архайдзыстут! Хорзæй баззайут.

Сирийы Ирон æхсæнады сæрдар Æлбегты Хишам.
27. 08. 2012
——————————————————————————————————

Председателю Всемирного Высшего Совета осетин, уважаемому Борису Басаеву!

На протяжении 16 месяцев мы живём в Сирии в сложных и тяжелых условиях и те трагические события, постигшие сирийскую землю, свидетелями которых мы являемся, потревожили бы сердце каждого человека, кто бы он ни был и где бы он ни жил, потому как соотечественники начали резать друг друга, истреблять и беспощадно грабить, будто они извечные враги друг другу, в результате чего сейчас между братьями идёт настоящая гражданская война.

Хотя мы и сирийские граждане официально, но даже по прошествии 145 лет мы тут гости, — так считают арабы. Поэтому эта война не наша. Сегодня осетины оказались в очень трудном положении. Наши люди в страхе покидают свои дома и бегут в другие города, сёла, кварталы, в надежде найти места потише. Но сегодня такого тихого места в Сирии больше не осталось. Теперь мы беженцы на сирийской земле и мы не знаем что с нами будет. Мы устали от постоянных ужасов и тревог, наши дети перестали спать. От выстрелов орудий и бомбёжек у них постоянное нервное напряжение.

Большая часть сирийских осетин не выходит из домов, у них нет работы, экономическое положение и уровень жизни основательно ухудшаются, людям не на что жить, а те, кто всё ещё получают зарплаты от государства, еле сводят концы с концами из-за того, что цены выросли в несколько раз. Если такова наша сегодняшняя жизнь, то какое будущее нас ожидает и как в таком случае нам спасти наш народ?

Мы взываем к вам:
— Если вы считаете нас своими братьями и сёстрами, своими соплеменниками, то, пожалуйста, помогите нам! Предоставьте нам возможность вернуться на землю предков! Нам нужны бесплатные российские визы, средства в дорогу и места размещения в Осетии.
Наша судьба и будущее наших детей в данный момент в ваших руках! Мы верим, что вы искренне посодействуете нам!

Председатель осетинской диаспоры Сирии Хишам Кошха (Албегов).
27. 08. 2012

Перевод Р. Хугати

This Post Has 0 Comments

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Search