skip to Main Content

Мæ фыды фæзмгæйæ (фельетон «Чингуыты куыд»)

Газет «Рæстдзинад»-ы бакастæн Цгъойты Хазбийы уац «Ирон чиныг — фæсдуар» (№ 89 (24371) 2017 АЗЫ ЗÆРДÆВÆРÆНЫ МÆЙЫ 24 БОН), зæгъгæ, æмæ мæ стыр дисы бафтыдта уыцы æнахъинон хабар. Æнæхъæн мæй æнхъæлмæ кастæн, кæд, зæгъын, Ирыстоны чингуыты базарадыл бар чи дары, уыдонæй исчи «Рæстдзинад»-ы дзуапп раттид, Цгъойты Хазби цы фарстатæ æрæвæрдта, уыдонæн. Фæлæ иууылдæр сæхи æнæуынæг скодтой. Ныр та мæ фæндон зæгъон.

Мæ фыд Дзаххоттæн газет «Рæстдзинад»-ы 1932 азы 288 номыры рацыд фельетон «Бæхты куыд æмæ кафт». Уыцы фельетоны уый бæхты сдзурын кодта адæймаджы хъæлæсæй. Æз та мæ фыды фæзмгæйæ мæ фельетоны сдзурын кодтон чингуыты.

Иу бон æрцæйуадтæн, Дзанайы-фырты уынджы цы хи дукани «Книги» ис, уый цурты. Хъусын, æмæ уыцы аив æмæ рæсугъд хæдзарæй хъуысы кæуын.

Дзыхълæуд фæкодтон, ай цы хабар у, зæгъгæ. Уалынмæ чингуыты дуканийæ рауадис иу рæсугъд фæлгонц ирон чиныг кæугæйæ, мæн куы ауыдта уæд фефсæрмы ис, йæ куыд фæкъаддæр кодта, йæ цæстытæ асæрфта æмæ мæныл йæхи æрбаппæрста.

Раст мæнæ калм бæласыл куыд сыздыхса, афтæ мыл йæхи ныффидар кодта, цыдæртæ йæ зæрды уыди зæгъын, фæлæ уайтагъд йæ зæрдæ ногæй суынгæг и æмæ йæ цæссыг æрызгъæлдта.

Ныр мидæгæй дуканийы гъæйттæй кæуынц иннæ ирон чингуытæ. Уæддæр æз нæма æмбæрстон, цæуыл кæуынц, цы зиан æрцыди ирон чингуытыл, уый.

Уалынмæ мæ бакодта мидæмæ, мæ зæрды кæуын нæ уыдис, мæнæй цæссыг ницы æгъдауæй æркæлдзæн, уæддæр нæ фæлæууыдтæн, мæхи нал баурæдтон æмæ æфсæрмæй богътæ кодтон, раст мæнæ арс къæппæджы куыд бахауа, уæд уый куыд ныббогътæ кæна, афтæ.

Хорз фæкуыдтой, чингуыты дукани «Книги»-йы цыдæриддæр ирон чингуытæ уыди, уыдон, æз дæр семæ, афтæмæй.
Хур куы фæкъул и, уæд фæсабыр сты æмæ мын кæуынхъæлæсæй схæцыдысты дзурыныл. Загътой мын, махыл, дам, дæ зæрдæ ма фæхудæд, кæй кæуæм, уый тыххæй. Кæуинаг стæм æмæ кæуæм.

— Гъе æмæ уæ хорзæхæй, уæддæр уæ куыды сæр цæуыл у, бафæрсын аипп ма уæд? — фæрсын сæ.

Чингуытæ мын радзырдтой зæрдæбынæй, æнæаиппæй.

— Нæ чингуытæй ничи амардис, нæ чингуыты дуканийы хицауыл дæр ницы ‘рцыдис, цæры. Фæлæ раст дын куы зæгъæм, уæд уыцы царды бæсты мæлæт хуыздæр у. Ирон адæмы ‘хсæн рухстауæн куыст кæнæм, ирон æгъдау, ирон æвзаг парахат кæнæм. Иннæ адæмты æвзæгтыл цы чингуытæ рацæуы, уыдонимæ ерыс кæнæм, куы нæ амбулой, зæгъгæ, уæд уыцы худинагæй мæлæт хуыздæр, нæ сæртæ, нæ удтæ рауæлдай кодтам. Кусæм.

Афтæмæй кæй бæрны стæм, уыдон ныл хъуыды дæр нæ кæнынц, нæ сæ хъæуæм! — Фæлæбурдта иннæ ирон чиныг. Фæззæг æрхæццæ кæны, уый фæстæ мит дæр рауардзæн. Тынг уазал уыдзæн. Фæлæ дæ уырны, бынат нын нал ис, тæрынц нæ, феддæдуар, дам, ут, ардыгæй. Ирон адæмæн пайда чи нæ хæссы, уыцы чингуытæн бæгуыдæр бынат ис. Стæй ма рауагъдад «Ир» цы чингуытæ рауагъта, уыдонæн кæмдæр иу къуым радтой, стыр лæгъстæты фæстæ. Сымах та, дам, сæхи хъæппæрисæй уæ цы фысджытæ ныффыстой, уыдон уæ мæйы æмгъуыдмæ ардыгæй куыд афардæг кæной, афтæ. Науæд, дам, уæ бырæттимæ акалдзыстæм.

Мæн чи ныффыста, уыцы фыссæг фондз азы дæргъы, адæмыл мæгуыргурау фæзылд, æмæ йын цы æхцайы муртæ фæлæвæрдтой, уыдоны руаджы мæ джиппы рауагъта.

Уæд иннæ ирон æвзагыл фыст чиныг кæугæйæ афтæ: Мæн чи ныффыста, уыцы фыссæг та хохы ирон хъæутыл æрзылд, уырдыгæй — быдырмæ, уый дæр мæгуыргурау æхца фембырд кодта.

— Æмæ мæгуыргур цы зилынц фысджытæ? — фæрсын сæ.

— Ирыстоны рауагъдад.

«Ир» куы ис, уæд уымæн йæ бон нæу, паддзахады хардзæй ирон æвзагыл чиныг рауадзын?

— Бæргæ у сæ бон рауадзын, фæлæ рауагъдадмæ дæр æхцайы фæ-рæзтæ фаг нæй.

Афтæ дæр вæййы, æмæ фыссæг йæ фыдæбон рауагъдадмæ куы ратты, уæд ын 3-5 азы дæргъы тæрхæгыл фæлæууы. Фысджытæ мæгуыргур уымæн зилынц Ирыстоны къуымты. Æмæ тæригъæд не сты? Уыдоныл дæр кæуæм.

Ацы дуканийы цы тæрхæджытыл уыдыстæм, уырдыгæй нæ ратардтой æмæ ныр цы фæуæм?

— Æмæ æндæр дукани нæй? — фæрсын сæ.

— Цæгат Ирыстоны иунæг дукани дæр нæй ирон æвзагыл уагъд чингуытæн — уыд сæ дзуапп.

— Æмæ уын газеттæ кæм уæй кæнынц, уыцы киоскты рæстæгмæ бынат уæддæр кæд раттиккой.

— Цы ныхæстæ кæныс? Уыдон сæхæдæг кæуинаг куы сты. Дзæуджыхъæуы газет кæм балхæнай, уый тынг зын ссарæн куы сси. Раздæр Сабырдзинады проспекты алы тигъыл дæр уыдысты газетуæйгæнæн киосктæ. Ныр ма дзы стæм ис. Иннæты ныртæккæйы заман тамакотæ, спрайттæ, фантæтæ уæй кæнынц. Æвæццæгæн, адæмæн уыдон æнæниздзинад дæттынц.

Афтæ мын фæдзырдтой, мæгуыр, сæ царды хабæрттæ ирон æвзагыл фыст чингуытæ. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ та сæ зæрдæтæ ноджы суынгæг сты, сæхи та нал баурæдтой æмæ куыд хъæрдæрæй ныккуыдтой.

Гъе ахæм уавæры сты ирон чингуытæ Цæгат Ирыстоны. Кæуинаг уавæры, æмæ сæ уавæрæй зæрдæ риссы.

Ходы Тамерлан
г.Мæскуы

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск