Сослан Цæразон æмæ йæ «Алгъуызы кадæг»
Фарн уæм бадзурæд Ирыстоны уæздан адæм!
Ма фæзивæг кæнут æмæ ма иу гыццыл рæстæг радих кæнут мæнæ ацы гыццыл уацхъуыд бакæсынмæ. Мæ ныхасы хъапп та цæй мидæг ис?
Фыццаджы дæр хорз ирон лæг, зынгæ ирон фыссæг Ирыстоны Фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон рауагъта мыхуыры тынг цымыдисаг чиныг «Алгъуызы кадæг», зæгъгæ.
Чиныгæн йæ ныффысæг автор у СОСЛАН ЦÆРАЗОН, ирон паддзахы фырт æмæ Гуырдзыстоны æмпаддзах, Гуырдзыстоны ус паддзах ТАМАРЫ лæг. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Бестауты Георги. Афтæ Хъазиты Мелитон историон рæстдзинад йæ бынаты сæвæрдта, ома Сослан Цæразон «Алгъуызы кадæджы» автор кæй у, уый тыххæй.
Бирæ нæ дзурдзынæн, Хъазиты Мелитон йæ чиныджы разныхасы тынг лæмбынæгæй равдыста кадæджы автор чи у уый. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, гуырысхойаг нæу æппындæр кадæджы автор чи у, уый. Йæ ныффысæг автор у Сослан Цæразон!
Хъазиты Мелитон цы чиныг рауагъта, уый тынг лæмбынæг бакастæн. Мæ цæст æрцахста фарæстæм куплеты цы фыст ис, уый:
Иры номдзыд гуырд Бæгъатыр—сахъ, тыхджын паддзахæй цард,
Хазар,влахæгтыл, франктыл айхъуыст паддзахы ном дард,
Хордтой йæ хсарæй, йæ кадæй ис йæ фидыц уæнгтæй ард —
Афтæ цæ Сослан фæфыста — сахъ Бæгъатыры бындар.
Ацы куплет у æцæг æвдисæн, Сослан Цæразон кæй ныффыста æцæгæйдæр ацы кадæг, уый.
Дыккаг æвдисæн та ссарæн ис, мæнмæ гæсгæ, кадæгæн æппæты фæстаг куплет куы бакæсай, уæд уый мидæг.
Фырт Алгъуызонæн дæр баззад — иунæг, иунæг фырт æрмæст.
Уæд йæ хъуымыз дæр йæ былтыл сур нæма уыдис æххæст.
Азтæй йыл бæрцæй цыппæрдæс кодта уыцы бон æххæст,
Уымæн уын йæ цард, йæ хабар дзурдзынæн фæстæдæр æз.
Æмæ ацы куплет куы бакастæн, уæд мæ сæры иу гипотезæ сывзæрд, дарддæр уын æй зæгъдзынæн.
Кадæджы тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæрги фыста, зæгъгæ уацмысы текстæй зыны, ирон лæг æй кæй ныффыста, æрмæстдæр уый. Æмæ ацы фарстыл быцæу кæнынц абоны уæнг зонадон кусджытæ. Иутæ зæгъынц, зæгъгæ, кадæг фыст æрцыд ! 9-æм æнусы райдианы. Мæнмæ гæсгæ, адон раст не сты, лæмбынæг нæ бакастысты кадæг. Фарæстæм куплет цæ хъуыдис бакæсын лæмбынæг æмæ йæ уæд бамбæрстаиккой, чи йæ ныффыста, уый.
Иннæ зонады кусджытæ та зæгъынц, зæгъгæ, кадæг фыст æрцыд бирæ æнусты размæ æмæ йæ ныффысæг у СОСЛАН ЦÆРАЗОН.
Хъазиты Мелитон ацы хъуыдыйыл æрæвæрдта фæстаг стъæлф æмæ рауагъта джиппы «Алгъуызы кадæг» йæ æцæг авторы номæй — ома СОСЛАН ЦÆРАЗОН. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, Мелитон у тынг раст.
Æз мæхæдæг филолог нæ дæн, дæн хуымæтæг чиныгкæсæг. Ныр уын мæ гипотезæ зæгъон. Кадæгæн йæ фæстаг куплет куы бакастæн, уæд хъуыдыты аныгъуылдтæн: ацы куплеты Сослан йæхи ном æмæ йæ фырты кой кæй æвдисы, уый хорз зыны æнæ кæсæнцæстытæй дæр. Æмæ уæд, математикæйы фæрцы, хынцын байдыдтон сæ царды азтæ. Æмæ ныр бакæсут цы мын дзы рауд уый.
1. Сослан Тамарæимæ бацард 1189 азы.
2. Сосланы фырт Гиуæрги Лаша райгуырд 1191азы.
Сослан кадæджы куыд фыссы — «Азтæй йыл бæрцæй цыппæрдæс кодта уыцы бон æххæст».
Æмæ ма ныр кæсут — Гиуæрги Лаша райгуырд 1191 азы апрелы мæйы. Гъеныр ацы нымæцмæ бафтауæм 14, Сослан куыд фыссы уымæ гæсгæ. 1191аз + 14азы= рауадис 1205 аз.
Æмæ æз куыд хъуыды кæнын, уымæ гæсгæ Сослан ацы кадæджы фæстаг куплет ныффыста 1205 азы, йæ фыртыл 14 азы куы сæххæст уæд. Æмæ йын дарддæр нал бантыст кадæгæн кæрон скæнын. Хæстытæ æмæ балцты уыдис æмæ йæ нæ равдæлдис кæрон ныффысынмæ. Нал йын бантыст кадæг фæуæвын, амардтой йæ.
Амардтой йæ Ахалцихмæ хæстæг, фæстейы йын йæ фæсонты цирхъ ныссагътой. Ахæм бузныгдзинад равдыстой нæ сыхæгтæ сæ хæрзгæнæгæн, æцæгæй дæр цын тыхджын паддзахад куы сарæзта уæд.
Æмæ мæм афтæ кæсы æмæ мæм математикон æгъдауæй цы нымæц рауад — 1205 аз, уый у кадæгæн йæ ныффысæны аз.
Уый у мæ гипотезæ, æнхъæлмæ кæсын дзуаппытæм,кæд ма искæмæ исты хъуыдытæ ис.
Уæ хæрзтæм бæллæг ХОДЫ ТАМЕРЛАН
г. Мæскуы.
Комментариев: 0