skip to Main Content

Лотити Игорь æмæ е сфæлдистадæ

Мæскуй хузгæнгути ’хсæн зингæ бунат ка ахæссуй, еци курдиадгундæртæй еу æй Лотити Игорь. Цæгат Иристон — Аланий адæмон хузгæнæг нур дзæвгарæ рæстæг цæруй æмæ косуй Мæскуй. Райгуырдæй Бурони 1960 анзи. Æ фидæ Лотити Ладемур адтæй Мæздæги дигорон хъазахъæгтæй. Куста Садони æрзæткъахæнти: адтæнцæ хумæтæг бийнонтæ, Уордигæй ралигъдæнцæ æма æрцардæнцæ Беслæни. Игорь каст фæцæй Беслæни 2-аг астæуккаг скъола. Сауæнгæ æ минкъиййæй дæр адтæй зæрдæргъæвд сувæллон. Æ сæйнади рагдæр бæлдæ адтæй хузгæнæг исун. Устур цæмæдесдзийнади хæццæ игъосидæ дигорон æма ирон рагон тауæрæхътæмæ историон цаутæмæ. Хъæбæр цæмæдесæй сæ арф æвæрдта æ зæрди. Тæккæ фиццаг хатт Туйгъанти Мухарбеги хузтæ ку фæууидта Нарти кадæнгити темитæбæл кондæй, уæдта æ зæрди цæхæр уорамун дæр æ бон нæбал адтæй. Куддæр ин фадуат фæууидæ Дзæуæгигъæумæ иссæунмæ, уотæ æнæбабæрæггæнгæ некæд фæууидæ хузгæнгути музей, цæмæй нæ зундгонд хузгæнгути куститæ фæууидтайдæ. Скъолай фæсте Игорь ахур кæнунмæ бацудтæй хузгæнгути училищемæ. Æхуæдæг куд зæгъуй, уотемæй ин скъолай хузæ кæнуни уроктæ лæвæрдта Тогъузати Барис. Хузтæ кæнун дæр еци ахургæнæги фæрци райдæдта. Тогъузати Барис æхуæдæг каст фæцæй Петербурги хузгæнгути Академи. 1977 анзи Игорь иссæй хузгæнгути училищей ахурдзау. Еци рæстæг училищей ахургæнгутæй кустонцæ нæ республики зундгонддæр хузгæнгутæ: Дзантиати Юрий. Цогойти Эльбрус, Саккати Эльбрус, Бедойти Шалва æма Келехсати Магрез. Етæ син амудтонцæ хузæкæнунади аллихузон фæзелæнтæ.

Училище каст фæууни фæсте бацудæй Мæскуй Сурикови номбæл хузгæнгути институтмæ æма ’й æнтæстгинæй фæцæй каст. Студент уогæй, арæх гъуди кæнидæ Нарти кадæнгити уæларвон тухти 12 сорæтебæл, гъома, куд сæ исхузæ кæна,уобæл.

Еци проектбæл фæккуста 15 анзи. Нуртæккæ еци сорæттæй беретæ пайда кæнунцæ, уæлдайдæр ба Уасгергий сорæтæй, Лотий-фурти фæрсгæ дæр нæ бакæнунцæ, уотæмæй уадзунцæ къæлиндартæ, æндæр уæхæн цæстуингæ æрмæг.

Игорь сæбæл зæрдихудт некæд кæнуй, уотæ фæззæгъуй: «Цидæридтæр кæнун, уони æз еугурæй дæр Иристонæн кæнун, уадзæ, æиа нæ адæн зононцæ сæ истори, Нарти кадæнгити бæгъатæрти, æрмæстдæр си, цид, уæддæр мæ ном бафинсæнтæ…»

Лотити Игорь æ цори æрæвæрдта уæхæн ихæс: историй уолæнти буни ка фæцæй, иронхуати ка байзадæй, нæ еци бæгъатæр тугъдонти нæмттæ уæлæмæ исесун еци иронхуати бунæй. Нур æнæгъæнæ 30 анзей дæргъи Мæскуй, Петербурги, Краснодари æма æндæр горæтти архивти агоруй нæ бæгъатæр тугъдонти туххæн æрмæгутжæ. Æз ами сæйрагдæр кæнун Уæрæсей паддзахи гъæуайгæнгути кой. Уонæй беретæ адтæнцæ дигорæнттæ æма ирæнттæ, не ’мнзæнхонтæ сæйрагдæр ба — Дзæрæстæ æма Мæсуггъæуккæгтæ.

Раздæр рæстæгути нæ финсгутæ гъæутæбæл куд зилдæнцæ æма Нарти кадæнгитæ куд æмбурд кодтонцæ, уотæ Игорь дæр æнæзийнадæй зелуй архивтæбæл æма æмбурд кæнуй æрмæгутæ, хузтæ нæ бæгъатæр тугъдонти туххæн. Архайуй уони фæлгонцтæ аййевадон хузи равдесунбæл. Рагъуди кæнайтæ цæйбæрцæ рæстæг æма хъауритæ бахардз кæнун гъудæй уал анзей дæргъи. Нерæнги бал Лотий-фурт скодта 120 хуземæй фулдæр. Уой уæлæнхасæн ба ма Лотий-фурт еунæг портретбæл дæр косун нæ райдайдзæнæй, цалинмæ бæгъатæр тугъдонæн æ хуæрзеугутæй алке номер дæр не ’сбæлвурд кæна, уæдмæ. Уомæ гæсгæ ба æ алли æфсæдтони портрет дæр банимайæн ес æцæг документбæл.

Еунæг дæр си хумæтæг портрет нæ ’й, се ’гас дæр — бундорон æртаст, бæлаурдгонд, кæци фæндуй Æфсæдтон Намуси музеййи экспозицийæн дæр исбæздзæнæнцæ. Хуарз уидæ, уæхæн музей Иристони дæр арæзт ку æрцæуидæ, уæд. Æгас Уæрæсей æрмæстдæр Лотий-фурти къохи бафтудæй уæхæн куститæ саразун. Мæскуй музейтæ ин агоруцæ æ куститæ, фал смн сæ нæ дæттуй, æвæрæнти, дан, сæ баримæхсдзæнцæ, зæгъгæ. Хицæ кæнунцæ нæ адæнмæ, уомæн æма уæхæн хузикуститæ нерæнги некæмæ ма ес. Некебал сæ фæууиндзæй, æвæрæнтæмæ хаст ку æрцæуонцæ, уæд.

– Гъæуама еци куститæ æрмæстдæр уонцæ Иристони музеййи.

Еухатт бацудæй цидæр гæгъæдити туххæн Мæскуй хузгæнгути Академий сæрдар З. Церетелимæ. Церетели нæ æфсæдтонти хузтæ ку фæууидта, уæд æ къæлæтгинæй фæгæпп кодта æма сдзурдта: «Игорь, аци куститæ мин радтай, аййевæдти Академийæн сæ радтай, лæдæргæ дæр æй нæ кæнис, цæйбæрцæбæл дин ислæудзæнæнцæ уой».

Уæд ин Лотий-фурт уотæ «Аци сорæттæ еугурæй дæр æнцæ Иристонбæл еузæрдион адæн æма гъæуама уонцæ Иристони, сæ бунат æй æрмæстдæр Намуси музеййи, кæнæ ба Туйгъанти Мухарбеги номбæл музеййи».

Фал Иристони уæхæн музей нæййес, хуарз уидæ, æма, нуртæкки ихæлдзæнтæй ка лæууй, еци афицерти хæдзари уæхæн музей арæзт ку æрцæуидæ. Уæд уомæн аци хузтæ æнцæ цæттæ экспозици. Уæрæсей адæнихæттитæй еуемæ дæр æфсæдтонти экспозиций проект нæййес. Æртæ анзей размæ Лотити Игорæн Уæрæсей Федерацийй Советти хæдзари арæзт æрцудæй устур равдист. Уомæн ин хъæбæр устур æнхус бакодта Фадзайти Арсен.

Игорь аци равдистмæ æрбахудта булкъон Магкети Мæирбеги — Дунаййи тугъди архайæг «Сугъдæг Гиуæргий» цуппар дзиуарæй кавалери байзайæддаг, уæдта мæ синхонХъузети Къостай. Уой фиде дæр адтæй Уæрæсей паддзах Никъала II конвойи.

Уæрæсейи Федераций Советти сæрдар В. Матвиенко дæр хунд адтæй еци равдистмæ. Устур цæмæдесдзийнади хæццæ базонгæ æй В Матвиенго дигорон — ирон бæгъатæртæй паддзахи конвойи ка службæ кодта еузæрдионæй, уони сорæтти хæццæ. Æ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæнцæ Игори конд сорæттæ. Никки цæмæдессагдæр ба имæ фæккастæй сæ истори. Уой фæстæ ба загъта:«Аци сорæттæ æнцæ Эрмитажи равдесуни аккаг». Æмæ тæккæ еци фæдбæл байхæс кодта Фадзайти Арсенæн, цæмæй гæгъæдитæ бацæттæ кæна Эрмитажи директор Пиотровскийи номбæл: «Гъауамæ, æнæмæнгæ, Эрмитажи дæр арæзт æрцæуа аци равдист».

Æнæгъæнæ фондз бони фæцæй Уæрæсей Федераций Советти хæдзари аци равдист. Эрмитажи дигорон — ирон хузгæнгутæй некæдма некæмæн адтæй равдист. Игори гъолæ сах рабадтæй. Равдистонцæ ин æ куститæ Эрмитажи.

Архивты косгæй ма Лотий-фурт никкидæр иссардта 47 бæгъатæр тугъдоней туххæн æрмæгутæ. Етæ сæ рæстæги хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ «Сугъдæг Геуæргий» IV къæпхæни ордентæй. Аци хуæрзеуæг лæвæрдтонцæ æрмæсдæр, афицери цин кæмæн адтæй, уæдта тугъди будури устур бæгъатæрдзийнадæ ка равдиста, уонæн.

Разæй — нæуæг нисантæ, нæуæг æнтæститæ. Нæ бæгъатæр фиддæлтæй еунæг дæр гъæуамæ иронхуати ма изайа. Æмæ уобæл æй æ тох Лотити Игорæн дæр.

Ходи Тамерлан
Журнал «ИРÆФ» №4 2022 анз

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск